Тамар Чугошвили - уалдзæгон сессийы фыццаг къуыри суыдзæн дæнцæй уымæн, цæмæй цавæр куыстмæ хъуамæ æнхъæлмæ кæсæм парламентæй æввахс азты
«2019 азы уалдзæгон сессийы фыццаг къуыри суыдзæн алæмæттаг дæнцæй уымæн, цæмæй цавæр куыстмæ хъуамæ æнхъæлмæ кæсæм парламентæй æввахс азты» – загъта Фыццаг Къаналæн Гуырдзыстоны парламенты фыццаг вице-спикер Тамар Чугошвили.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, райсомæй парламент райдайдзæн кусын ног фæткæй æмæ æнæхъæнæй хъауджыдæр уыдзæн раздæронмæ абаргæйæ.
«Дыууæ азы размæ, фарастæм æрсидты парламент куы райдыдта кусын æмæ нæ журналисттæ куы фарстой, зæгхгæ цæмæй хъауджы уыдзæн ацы æрсидты парламент, уæд мах дзырдтам цæмæй нæ мысан зæгъгæ у – фидар политикъон центрæй суæвын. Райсомæй райдайæм кусын бынтон нæуæг аууæлтты. Сом Гуырдзыстоны парламент æнæхъæнæй хъуаджы уыдзæн уыйимæ, мах алчи цæуыл ахуыр уыдыстæм. Парламент хыгъдлæвæрдæй ралæудзæн дзыллæйы раз уый фæдыл, цæмæй цы сарызта ивгъуыд азы æмæ цы саразын хъавы фидæны» – райхъусын кодта Тамар Чугошвили.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы къуырийы закондæттæг органы плангонд у хъусын ахуырады, зонынады, спорт æмæ культурæйы министрмæ Михеил Батъиашвилимæ, регионалон тынгады æмæ инфраструктурæйы министр Майя Цкитъишвилимæ.
Чугошвили куыд банысан кодта афтæмæй, алы сессион къуыритæ уагъд цæуыдзысты цæстдарæг фукци æххæстæй
Фыццаг вице-спикеры ныхæстæм гæсгæ, парламент зæгъгæ у уыцы бынат – цы ран бæстæйы цæрджыты фарстытæн дзуаппытæ дæттын хъæуы.
«Ацы афонмæ афтæ нæ уыдис æмæ алцыппæт ай æрхастой конституцион барастытæ æмæ ног регламент. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, закондæттæн оргæн формиргонд æрцæудзæн уыцы хуызæй, раздæр куыд никуы уыд афтæ. Уыдзæн æцæг политикъон центрæй, хицауады кантролы реалон центрæй æмæ цæрджыты фарстытæн дзуаппыты раттыны реалон центрæй. Æхсæнад цымидис кæны уымæй куыд тынг кæны экономикæ, цы уавæры сты æдасдзинады фарстатæ, бæстæйы рæстдзинад æмæ расттæрхоны фарстатæ. Алы ацы фарстыл дзуаппытæ лæвæрд æрцæудзысты парламентон трибунæйæ» – райхъусын кодта Тамар Чугошвили.
Йæ аргълæвæрдæй фарастæм æрсидты парламент дыууæ ахсджиаг афæдз арвыста æмæ ма йæм кæсынц ноджы дыууæ æнæ каддæр ахсджиаг азы.