Тамар Чугошвили - уалдзæгон сессийы  фыццаг къуыри  суыдзæн дæнцæй  уымæн, цæмæй  цавæр  куыстмæ хъуамæ æнхъæлмæ кæсæм парламентæй  æввахс азты
Тамар Чугошвили - уалдзæгон сессийы фыццаг къуыри суыдзæн дæнцæй уымæн, цæмæй цавæр куыстмæ хъуамæ æнхъæлмæ кæсæм парламентæй æввахс азты

«2019 азы  уалдзæгон сессийы  фыццаг къуыри  суыдзæн  алæмæттаг  дæнцæй  уымæн, цæмæй  цавæр  куыстмæ  хъуамæ æнхъæлмæ кæсæм  парламентæй  æввахс азты» –  загъта Фыццаг Къаналæн   Гуырдзыстоны парламенты фыццаг вице-спикер  Тамар Чугошвили.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   райсомæй   парламент райдайдзæн   кусын  ног  фæткæй  æмæ  æнæхъæнæй  хъауджыдæр уыдзæн   раздæронмæ абаргæйæ.

«Дыууæ азы размæ,  фарастæм æрсидты парламент куы райдыдта кусын  æмæ нæ   журналисттæ куы фарстой, зæгхгæ  цæмæй   хъауджы  уыдзæн   ацы  æрсидты  парламент, уæд мах  дзырдтам  цæмæй  нæ   мысан зæгъгæ у –  фидар политикъон  центрæй  суæвын.  Райсомæй райдайæм   кусын бынтон нæуæг  аууæлтты.  Сом Гуырдзыстоны парламент  æнæхъæнæй  хъуаджы уыдзæн  уыйимæ, мах алчи цæуыл ахуыр уыдыстæм.  Парламент  хыгъдлæвæрдæй  ралæудзæн  дзыллæйы раз уый фæдыл, цæмæй  цы  сарызта  ивгъуыд азы æмæ цы саразын хъавы  фидæны» – райхъусын кодта Тамар Чугошвили.

Йæ  ныхæстæм гæсгæ,  ацы къуырийы  закондæттæг органы  плангонд у хъусын ахуырады, зонынады, спорт æмæ культурæйы министрмæ  Михеил Батъиашвилимæ,  регионалон   тынгады  æмæ  инфраструктурæйы министр  Майя Цкитъишвилимæ.

Чугошвили куыд  банысан кодта афтæмæй,   алы  сессион  къуыритæ  уагъд цæуыдзысты  цæстдарæг фукци æххæстæй

Фыццаг вице-спикеры ныхæстæм  гæсгæ, парламент зæгъгæ у  уыцы бынат –  цы ран   бæстæйы цæрджыты фарстытæн дзуаппытæ  дæттын хъæуы.

«Ацы  афонмæ  афтæ  нæ уыдис   æмæ алцыппæт ай  æрхастой   конституцион барастытæ æмæ  ног регламент.  Уымæ  æмбæлгæйæ дæр,   закондæттæн  оргæн  формиргонд æрцæудзæн уыцы  хуызæй,   раздæр  куыд никуы  уыд афтæ.  Уыдзæн æцæг политикъон центрæй,  хицауады  кантролы  реалон центрæй  æмæ   цæрджыты фарстытæн дзуаппыты раттыны  реалон центрæй.  Æхсæнад  цымидис кæны  уымæй  куыд  тынг кæны экономикæ,   цы уавæры сты  æдасдзинады  фарстатæ,  бæстæйы  рæстдзинад æмæ  расттæрхоны  фарстатæ.   Алы  ацы  фарстыл дзуаппытæ  лæвæрд æрцæудзысты  парламентон трибунæйæ» –  райхъусын кодта Тамар Чугошвили.

Йæ аргълæвæрдæй  фарастæм æрсидты   парламент  дыууæ ахсджиаг  афæдз  арвыста æмæ ма йæм кæсынц  ноджы дыууæ   æнæ каддæр ахсджиаг азы.