Тамар Чугошвили – премьер-министр, хицауады ранæуæггонд сконды 11 июлы бавдисдзæн
Парламенты фыццаг вице-сапикер Тамар Чугошвилийы информацийæ, премьер-министр Мамука Бахтадзе хицауады ранæууæггонд сконды, 11 июлы бавдисдзæн.
Журналисттæн Чугошвили куыд фезхъусын кодта афтæмæй, хицауадон ивдтытыл консультацитæ фылдæртимæ нырма нæ сырæзт зæгъгæ.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæткдар къорды æмæ премьер-министры æхсæн консультацитæ цалдæр бонмæ сырæздзæн.
«Вæццæгæн премьер сконды æртыццæджы бавдисдзæн, уый фæстæ райдайдзæн æууæнк расидыны процедурæ» – банысан кодта фыццаг вице-спикер.
Ивгъуыд къуырийы парламенты сбæлвырдгонд закъондæттæн ивдтытæм гæсгæ, Гуырдызстоны хицауады структурæйы 10 министрад æмæ паддзахадон министры иу апарат уыдзæн.