Тамар Чугошвили - Арчил Татаунашвилйиы хъуыддагыл дыууæдæр резолюцийы кæцытыл цæуы уынаффæ сты æмхуызон нысаниуæгджын
Парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг Тамар Чугошвилийы фидиуæнæй, Арчил Татаунашвилйиы хъуыддагыл иумæйаг резолюци парламенты консультациты фæстиуæгæн æрцæудзæн ист.
Тамар Чугошвилийы ныхæстæм гæсгæ, дыууæдæр резолюцийы кæцытыл цæуы уынаффæ æсты æмхуызон нысаниуæгджын.
«Ацы темæйы фæдыл консультацитæ цæуынц. Дарддæр кæнæм кусын æмæ комитетон хъусыныл фæбæрæг уыдзæн бахъом уыдзыстæм бадзурын æви нæ.
Æнæ уый ай ахæм фарст у, кæцымæ гæсгæ хъуыдыты хъауджыдæрдзинад ма хъуамæ уа , бæстæйæн йæ бон хъуамæ бауа иууон позици сфиксир кæнын, хъуыддаг бæстæйы территорион æнæхъæндзинадмæ куы æххæссы уæд.
Мæнмæ гæсгæ дыууæдæр резолюцийы, сты æмхуызон нысаниуæгджын. Сæрмагондæй та, фауы оккупацийы æмæ адæймаджы царды фæныхылды уыцы фактытæ, кæцы ацы территоритыл сххæст сты. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, мæнæн принципонæй хъауджыдæрдзинад ацы документты æхсæн нæй» – рахъусын кодта Тамар Чугошвили.
Оккупацигонд Цхинвалы Арчил Татунашвилийы хъуыддаджы фæдыл, парламентон фылдæртæ æмæ къаддæрдæртæ иумæйаг резолюци райсын хъавынц.