Тæрхондон – тæрхонгæнæг Гиорги Гиорганашвилийы æрдæм æфхæрды хуызæй санкциты минимумæй спайда кодта
Тæрхондон – тæрхонгæнæг  Гиорги Гиорганашвилийы  æрдæм  æфхæрды хуызæй   санкциты   минимумæй спайда кодта

Тбилисы сахарон тæрхондон  Гиорги Гиорганашвилийы  тæрхоныскъуыдмæ гæсгæ  публикаци кæны  фидиуæн.

«Тбилисы  сахарон тæрхондон  наркофыдракæнды  тыххæй  зылынмæ  лæвæрд   Гиорги Г.-ы æрдæм  зылынгæнæг  тæрхоныскуыд рахаста.  Тæрхондон   зылынмæ лæвæрд уæнгы банымадта  аххосджыныл æмæ  йын  æфхæрды  хуызæй   стæрхон кодта 8 азы  æмгъуыдмæ  ахст.

Резолюцион  хайы  расидыны фæстæ, рабадтмæ æрбацæуæг  дыууæ  уæнгы  фæбæрæг сты  фæткæвæрдсæттыны,  сæрмагондæй та  тæрхондоны  кæртмæ  рацæуыны фæстæ,  сæ иу   ныхасæй  æфхæрдта тæрхондоны, æрмæст дыккаг та  бæстыхайы æрдæм фехста агуыридур, кæцыйы фæстиуæгæн  ныцъцъæл ис  централон   æрбацæуæны   авг.  Тæрхондоны мандатон  куыст  кæрон скодта  сæ архæйдтытæ æмæ   фæткæвæрд бахъахъхъæды нысанæй, сæ дыууæйы дæр  æрцахста» – дзырдæуы  фидиуæны.

Артист  Гиорги Гиорганашвилийы (фæсномæй  «Бахала»)  Тбилисы сахарон тæрхондон  аххосджыныл банымадта æмæ йын  8 азы æмгъуыдмæ  ахст стæрхон кодта.