Тæрхондон Гиви Таргамадзейæн авд мæйы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахаста æмæ йын дыууæ азмæ йæ бынат бацахсын нæ баурæдта
Тæрхондон Гиви Таргамадзейæн авд мæйы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахаста æмæ йын дыууæ азмæ йæ бынат бацахсын нæ баурæдта

«Националон змæлды» раздæры депутат Гиви Таргамадзейæн Тбилисы горæтон тæрхондон авд мæйы ахæстоны фæбадын стæрхон кодта, парламенты рæстæгмæ фæдагурæн къамисы куырдиат нæ сæххæст кæныны тыххæй. Уымæй уæлдай ма йын дыууæ азмæ йæ бынат бацахсын нæ уагътой.

Уый фæдыл æскъуыддзаг Тбилисы горæтон тæрхондон цъус размæ расидтис.

Тæргамадзе тæрхондоны рабадтмæ нæ æрбацыд.

Гиви Таргамадзе парламенты рæстæгмæ фæдæвзарæн комисмæ 3-æм апрелы фæсидтысты, фæлæ нæ фæзынд. Уый аххосджынгонд æрцыд уголовон кодексы 349-æм статьямæ гæсгæ, кæцы «Гуырдзыстоны парламенты рæстæгмæ фæдагуырдон къамисы куырдиат нæ сæххæст кæныны тыххæй» дзырдæуы.

Тбилисы горæтон тæрхондон Таргамадзейæн 10 000 ларийы æфсон снысан кодта куыд превенцион мадзал, фæдагуырдон къамисмæ æнæбацыды цауы, кæцыйы бафыста закъонæй снысангонд æмгъуыдмæ гæсгæ.