Сывæллæтты хъахъæды дунеон боны цытæн централон мадзал сырæздзæн Дедаенайы паркы
Сывæллæтты хъахъæды дунеон боны цытæн централон мадзал сырæздзæн Дедаенайы паркы

Сывæллæтты хъахъæды æппæтдунеон бон, фыццаг июны, сæйраг сахары æндæр æмæ æндæр районты бирæ мадзæлттæ сырæздзæн, централон мадзал Дедаенайы праркы сырæздзæн.

Сæйраг сахары мэр, Каха Къаладзе хицауады рабадтыл фæныхас кодта ацы бонмæ плангонд архайдтытыл.

“Æрхæццæ кæны 1-æм июнь – Æппæтдунеон сывæллæтты хъахъхъæныны бон, кæцыйы мах традиционæй нысан кæнæм уæлдай уарзондзинадæй. Ацы бонмæ æнхъæлмæ кæсы бирæ гыццылтæ. Сæйраг сахары æндæр æмæ æндæр районты нæм уыдзæн къорд мадзæлттæ. Централон мадзал плангонд у Дедаеайны паркы, цыран нæ гыццылтæм æнхъæлмæ кæсы сæрмагонд программæ. Сывæллæтты концертæй дарддæр ма, Дедаенайы паркы уагъд æрцæудзæн æндæр æмæ æндæр мадзæлттæ 15:00: уагъд æрцæудзæн гом библиотекæ æмæ кинотеатры къуым, шахмæтты къуым, аивадон хæдзæрттæн равдыстыты фæзуат. архайдтытæ сæрмагонд хъуагдзинæдтæ кæмæн ис, уыцы сывæллæттæн.Мадзал 15:00 сахатыл райдайдзæн, концертон хай та 20:00 сахатыл уыдзæн. Хонæм алкæй дæр, цæмæй æрбацæуат уæ сывæллæттæ æмæ хъæбултимæ иумæ Тынг цымыдисон равдыст уæм æнхъæлмæ кæсы.

Уый ма загъта, мадзæлттæм цæуын лæвар кæй у.