Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитет Абхазы зæппадзтæ фегом кæныны ног этап райдыдта
1992-1993 азы гарзджын конфликты фæстиуæгæн æвæндаг æрбайсæфтуæвæг уæнгты бацагуырды нысанæн, 26 майы Сырх Дзуары Æхсæнадæмон комитет (СДÆК) Абхазы зæппадзтæ фегом кæныны ног этап райдыдта.
Сырх Дзуары Æхсæнадæмон комитеты ахæлиугонд информацийы куыд дзырдæуы а фтæмæй, 2021 азы СДÆК-ы эксперттæ бынатыл бацæттæгонд специалисттимæ иумæ, 30-æй фылдæр зæппадз фегом кæнын хъавынц, кæцыты фæдыл информацийы бацагурын, координацион механизмы фæлгæтты бантыст.
«92-93 азты гарзджын конфликты фæстиуæгæн æвæндаг æрбайсæфтуæвæг уæнгты бацагуырды нысанæн арызт координацион мехзанизм СДÆК-ы сæрдариуæгæй архайы æмæ æрмæст гуманитарон нысæнттæн кусы – бинонтæ базоной æвæндаг æрбайсæфтуæвæг хæстæджыты амонды æмæ бынаты тыххæй.
2010 азы дыууæ координацион механизмы( кæцытæй иу 1992-1993 азы Абхазы гарзджын конфликтмæ, æрмæтс иннæ та 90-æм азы æмæ 2008 азы Цхинвалы регионы/Хуссар Ирыстоны конфликттæм гæсгæ кусынц) саразыны фæстæ, сæ эгидæйæ 583 адæймаджы мардыбуар ссардæуыд, кæцытæй 206- идентификаци бантыст æмæ бинонтæм лæвæрд æрцыд.
Æмтгæй райсгæйæ 2 355 æфсæддон æмæ æмбæстагон уæнг нымад цæуы æрбайсæфтуæвæгыл 1990 азты æмæ 2008 азы августы гарзджын конфликттæм гæсгæ» – дзырдæуы Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитеты информацийы.
Афтæма сæ хъусинагæй, дарддæр кæны куыст конфликтты фæстиуæгæн фæтаруæвæг æндæр адæймæгты амонд сбæрæг кæнынæн.