Сыгъдæг Синоды уынаффæмæ гæсгæйæ, Украинæйы æугæ процессты фæдыл уынаффæ Синоды иннæ рабадтыл ардарддæр уыдзæн (видео)

​Рæстдинон  аргъуаны  сырæзт   æндыгъд   уавæры æмæ  Украинæйы  цæугæ   процессты  фæдыл уынаффæ,  адарддæр уа  Сыгъдæг  Синоды   фæдылдзог  рабадтыл –  уый фæдыл дзырдæуы   Сыгъдæг Синоды  уынаффæйы.

Уынаффæйы  текст  Алавердаг  митрополит   Давит  Махарадзе   бакастис:

«АБон Гуырдзыстоны   патриархийы  резиденцийы  сырæзт Сыгъдæг Синоды   æмбырд.

Тбилис 27 декабр, 2018 аз.

АРфæ  ныхас  загъта Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх,  Илья Дыккаг.

Уый  загъта:  рæстдинон аргъуан у  уыцы  аргъуан,  кæцыйы   бындур æрывæрдта  нæ  Царддæттæг Йесо Чырысти.

Бузныг  Хуыцауæн  цæмæй   Гуырдзыстон   Фырсыгъдæг  Мады Майрæмы  дæлбар бæстæ  кæй  у  уыый тыххæй. Нæ бардуаг сыгъдæджытæ, Сыгъдæг Николоз æмæ Сыгъдæг Георгий  нын  æххуыс кæнын  нæ  аргъуаны хъахъхъæдады.

Фæнды мæ  хъусдард раздахатуыцы хабæртты  æрдæм кæцытæ Украинæйы  Константинополы æмæ   Æппæт Уæрæсейы  патриархийы  æхзсæн  айтынг сты.  Украинæйы    иттæг  фæкарз ис  уавæр. Нæй иууон хъуыды, нæй  æмуддзинад.

Уæрæсейы  аргъуан   аскъуыдта  Дунейы  Патриархы  кой  кæнын,  аскуыдта  бастдзинад, уымæн æмæ   дунейы  патриарх  райдыдта процедурæтæ  Украинæйæн   автокефалийы лæвæрды  тыххæй,  цæмæ дæр ффæарфдæр ис   æнæ уы дæр  уæвæг кризис, кæцы  махæн тынг хъыгаг у.

Афтæма  Патриарх  райхъусын кодта, цæмæй зæгъгæ аргъуанæн историйы  дæргых  уыдис  бирæ   фыд рæстæг  фæлæ  сын Хуыцауы руаджы  бахъом ис зæгъгæ. Ныфс æвæрæм  цæмæй Хуыцауы фæрцы  сног  уыдзæн    рагон  æфсымæрон иудзинад  аргъуанты æхсæн.

Æмбырд байхъуыста  æмæ фæтæрхон кодта   сырæзт уавæры  тыххæй  æмæ  рахаста  уынаффæ:

Рæстдинон  аргъуаны сырæт   æндыгъд  уавæры  æмæ Украинæйы  цæугæ  процессты   фæдыл уынаффæ адарддæр уæт   Сыгъдæг Синоды  фæдылдзог   рабадтыл.  Гуырдзыстоны рæстдинон  аргъуаны   Сыгъдæг Синод  сиды,  Гуырдзыстоны  апостолон аргъуаны  æмæ фæсарæнты  уæвæг нæ аргъуантæм,  цæмæй  зæрдиагæй  скувæм Хуыцаумæ,  æппæт рæстдинонтæн сабырад æмæ    иудзинады  тыххæй» – дзырдæуы  уынаффæйы  тексты.

Сыгъдæг Синодыл   дзырдæй ралæууыдысты  митрополиттæ : Григол, Петре, Теодоре, Николоз, Иоанн, Спиридон, Андриа, Давид. Епископтæ — Георгий, Доситеоз.