Сыгъдæг Самебайы номыл протестантон аргъуаны бæрæгбон кæнынц Цыппурс
Чырыстийы райгуырд бæрæгбон кæнынц Сыгъдæг Самебайы номыл протестантон аргъуаны. Цыппурсы æхсæв ам сеппæтæй адæмарæх бæрæгбон у. Ацыбон сæрмагондæй сфæлындынц аргъуан æмæ бæрæгбойнон ритуал дæр хъауджыдæргондæй цæуы.
Протестанттæ Цыппурсмæ иу мæй раздæр райдайынц цæттæ кæнын æмæ иу мæйы дæргъы алы къуырийы радианы, æндæр æмæ æндæр символон нысаниуæгæй ног цырагъ æссудзынц.