Сурамы иувæрсты цæуæн фæндаджы арæзтад фæцис, фæндаг байгом уыдзæн 16 августы
Сурамы иувæрсты цæуæн фæндаджы арæзтад фæцис, фæндаг байгом уыдзæн 16 августы

Арæзтадон куыстытæ Земо Осиаури-Чуматетелийы фæндаджы дыккаг хайыл (Сурамæн йæ иувæрсты цæуæн ) фæцис. Ног фæндаг 16-æм августы райсомы 12:00 сахатæй гом уыдзæн автотранспортæн – уый фæдыл информацийы хъусын кæны Гуырдзыстоны инфраструктурæйы министрад.

Министрады информацимæ гæсгæ, Сурамы иувæрсты фæндаг Скæсæн-Ныгуылæн экспресс-трассæйы нысаниуæгджын хай у æмæ йæ арæзтады проект инфраструктурæйы министрады фæндæгты департамент сæххæст кодта.

«Ног, 6,4 км дæргъæн цыппарфæндагон автомагистралыл хайыл арæзт æрцыд 11 хиды æмæ 5 тъунелы, ацы хай у 13 км дæргъæн Хашуры æрвæрæн фæндаджы адарддæр, цæуы Сурами æмæ Чумателеты æрвæрæн фæндаджы æмæ баиу вæййы Рикъоты ахизæны фæндаджы фыццаг тъунелмæ.

Фæндаг арæзт у фæндаггон æдасдзинады дунеон стандарттæм гæсгæ æмæ ифтонг у нырыккон рухсдæттæн системæйæ. Проект зынгæ фæкъаддæр кæндзæн балцы рæстæг, фæхуыздæр кæндзæн фæндагон змæлды æдасдзинад æмæ бынтондæр ссæрибар кæндзæн Сурамийы транзитон змæлдæй.

Арæзтадон куыстытæ æххæст æрцыдысты Дунеон Банчы кредит æмæ паддзахадон бюджеты æмфинансирдзинадæй. Проекты иумæйаг аргъ уыд 265 милуан ларийы.

Сурамы æрвæрæн фæндагы байгомы фæстæ, автотранспорт спайда кæндзæн 230 км æнæфæцудгæ экспресс-трассæйæ Тбилисæй Самтредиамæ», -ис фыст информацийы.