Стыр Британи, Германи æмæ Франц, хъавынц Иранимæ ног бадзырд бафыссын
Стыр Британи, Германи æмæ Франц, Иранимæ ног бадзырд баххæст кæнын нæ цух кæнынц. Уый фæдыл дзырдæуы коммюникейы, кæцыйы æртæ бæстæйы хицауадты сæргълæуджыты телефонон ныхасы фæстæ, публикаци скодта Стыр Британийы премьер-министр.
Документы мидæг хаххгондæй банысангонд у 2015 азы Иранимæ æвæрд бадзырды нысаниуæг, фæлæ ацы рæстæджы афтæдæр дзырдæуы, цæмæй ис гæнæн йæ фæхуыздæр кæнын.
«Цæттæ стæм адарддæр кæнæм кусын АИШ-ы хицауадимæ иумæ, цæмæй аскуыддзаг кæнæм Иранимæ баст проблемæтæ. Лидертæ сразы сты, цæмæй ис ахæм моменттæ, кæцытæм уæвæг бадзырд не æххæссы æмæ кæцыты аскуыддзаг кæнын хъæуы, уый нымæцы баллистикон ракетæтæ. Афтæдæр уый æмæ цы æрцæудзæн уæвæг бадзырды æмгъуыд авигъуыды фæстæ, афтæма Ираны дестадилизацигæнæг роль регионы» – дзырдæуы Францы, Стыр Британийы æмæ Германийы лидерты иумæйаг фидуиæны.
Бакой уын кæндзыстæм, Иранимæ атомон бадзырд æвæрд æрцыд 2015 азы. АИШ-ы президент, Дональд Трамп, бадзырды ногæй æркæсын домы. Æндæр цауы та бадзырдæй АИШ-ы рацæуынæй æртъхъирæн кæны.