Стыр Британи æмæ Франц, æнцойад сидынц Гуырдзыстоны сабырадон инициативæйæн
ИНО-ы генералон ассамблейы бæрзонд æмвæзады фембæлды фæлгæтты, Гуырдзыстоны организацигонд параллелон мадзæлтты «Адæймаджы бартæн цыт, æнæцудгæ сабырадæн» хайадисджыты раз дзырдæй æрсидтысты Иугонд Паддзахады æмæ Францы минæвæрттæ.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, фембæлдыл оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл адæймаджы барты уавæры æрдæм раздæхтой хъусдард æмæ Гуырдзыстоны хицауады сабырадон инициативæйæн æххæст æнцойад сбæлвырд кодтой.
«Британи йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны сабырадон инициативæйæн. Ай у прагматон инновацион план æмæ хорз фадтæттæ дæтты хæстæй фæхицæнгонд дзыллæты æхсæн ног хидтæ самайынæн» – райхъусын кодта Игонд Паддзахады минæвар Джонатан Аллен.
Францаг дипломаты ныхæстæм гæсгæ та, инициативæтæ хидтæ арæзтады æмæ гуманитарон уавæрты фæхуыздæрæн мах цы хъæуы раст уыцы фадæттæ сты».
Министрады хъусинагæй Британийы æмæ Францы минæвæрттæ афтæдæр бахахх кодтой, оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты мониторингы æхсæнадæмон механизмты, уый нымæцы ИНО-йы адæмаджы барты камисары офисы æруадзыны æнæмæнгхъæуындзинад.
Мадзалыл афтæдæр фарсхæцæг фидиуæнтæ сарызтой партнер бæстæтæ
Гуырдзыстоны организацигонд параллелон мадзалыл Гуырдзыстоны вице-премьер, фæсарæн хъуыддæгты министр Михеил Джанелидзе хъусдард раздæхта уыцы уæззау уавæры æрдæм, кæцыйы расидæг у оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты оккупацион тыхты æрдгæй адæймаджы барты тызмæг фæныхылды фактытæ æмæ æхсæнадæмон æмгарадæн ацы мониторингы изоляци.
АИШ-æм визиты фæлгæтты Михеил Джанелидзе хайад райста ИНО-йы генералон ассамблейы бæрзонд æмвæзады фембæлды High level meeting on peacebuilding and sustaining peace æмæ дзырдæй ралæууыд мадзалы хайадисджыты раз.