«Стыр Авд» бафаудта, Уæрæсейы тыхтæ Запорожьейы электростанцæйы къухдариуæгад кæй аскъæфтой уый æмæ æрдомтта станцæйыл æххæст контрол Украинайæн æнæаргъæвгæйæ адæттын
«Стыр Авд» Уæрæсейы тыхтæ Запорожьейы электростанцæйы къухдариуæгад кæй аскъæфтой уый бафаудта æмæ станцæйыл æххæст контрол Украинайæн æнæаргъæвгæйæ адæттын æрдомтта. Уый фæдыл дзырдæуы, «Стыр Авды» фидиуæны.
«Фауæм Уæрæсейы тыхтæ, украинайы Запорожьейы атомон электростанцæйы къухдариуæгад æмæ кусджыты фæлхатгæ аскъæфт. Хъæддых курæг стæм Уæрæсейæ, æнæаргъæвгæйæ ратта контрол Запорожьейы станцæйыл йæ законон суверенон хицау, Украинамæ», – дзырдæуы фидиуæны.
Бакой уын кæндзыстæм, уырыссаг тыхтæ Европæйы ставддæр атомон электростанцæ марты бацахстой.