Медиайы хъусинагæй, Уæрæсейы  тыхтæ  Донецкы  зылды  горæт Часив-Ярыл  бомбæкалд  сыххæст кодтой
Медиайы хъусинагæй, Уæрæсейы тыхтæ Донецкы зылды горæт Часив-Ярыл бомбæкалд сыххæст кодтой

Уæрæсейы  тыхтæ  Донецкы   зылды  горæт Часив-Ярыл бомбæкалд сыххæст кодтой.   Амард иу æмæ  фæцæф ис  дыууæ адæймаг.  Уый фæдыл  информацийы, Донецкы  зылды  æфсæддон   администрацийы къухдариуæггæнæг  Павел  Кириленко  хъусын кæны.

Йæ  хуъсинагæй, оккупанттæ  бырст сыххæст кодтой   горæты цæрæн   сыхтыл   æмæхæсты  реактивон   системæтæй. Базиан ис   иууыл  цъус, фараст   бирæуæладзыгон   цæрæн хæдзар. Хызæгты  базиан кæныны  тыххæй, микрорайоны   урæд æрцыд  газы æмæ  электроэнергийы  ифтонгад.

Уыимæ, ивгъуыд æхсæв-боны  дæргъы интенсивон бомбæкалд цыд  Сумыйы зылдыл,  оккупацион тыхтæ   æхстой ГРАД-тæй  Сумыйы зылды æфсæддон  администрацийы  къухдариуæггæнæджы, Дмитрий Живицкийы  хъусинагæй,   амард иу  сылгоймаг, æртæ  фæцæф сты. Уыдон  иу  бинонты  уæнгтæ сты.