Страсбургы цыппурсон æрмукъæмæ  бырсты  амæттæгты  нымæц  фондзы онг райрæзт
Страсбургы цыппурсон æрмукъæмæ бырсты амæттæгты нымæц фондзы онг райрæзт

Страсбургы цыппурсон æрмукъæмæ  бырсты  амæттæгты  нымæц   фондзы онг райрæзт.

Францаг медийы  информацийæ,    рынчындоны   амард 35 аздзыд нæлгоймаг, кæцы  фондз боны дæргъы уыд коматозон уавæры. Ац ы рæстæгмæ цæфтæ  сты ноджы 10  адæймаг, сæ  цалдæры уавæр у  критьикон уæззау.

11 декабры Страсбургы цыппурсон æрмукъæмæ 29 аздзыд  Шериф  Шекат  æхст райдыдта æмæ  цауы  бынатæй  алыгъд. Бырсæгы  полици 13  декабры æрцахсынæн   спецоперацийы рæстæджы  амардта.  Афтæма  ацы афонмæ ахст сты  бырсæгимæ  баст   иу гоймаг,  æхсæз зæрдæхсайд уæнг, æрмæст  Шекаты  ныйарджытæ æмæ  йæ дыууæ æфсымæры та  ссæрибар кодтой.