Стокгольмы теракты æххæстгæнæг Рахмат Акилов басастис аххосагыл æмæ Исламы Паддзахадимæ бастдзинадыл
Стокгольмы теракты æххæстгæнæг Узбекистаны æмбæстаг, Рахмат Акилов басастис йæ фыдракæндыл.
Швециаг тæрхондоны рабадтыл уый рахъусын кодта, цæмæй барæй баскъæрдта хæдтулгæ фæндаггонтæм, цæмæй «йæ хайбавæрд бакодтаит» террористон организаци «Исламы Паддзахадæн» æххуысы хъуыддаджы. Акиловы ныхæстæм гæсгæ, уый фæндыд, цæмæй Швеци мауал арвыстаит йæ æфсæдды æмæ æхца Исламы Паддзахады ныхмæ хæцынмæ.
7 апрелы Стокгольмы центры, Рахмат Акилов давд уæзласæн хæдтулгæ баскъæрдта фæндаггонтæм. Йеуæд фæмардысты 5 адæймаг, нлджы 15 та уæззау зиæнттæ райстой. Узбекистаны 39 аздзыд æмбæстæгы тæрхоны процесс райдыдта 13 февралы. Тæрхоныскъуыд куыд æнхъæлынц афтæмæй, хаст æрцæудзæн июны кæронмæ. Прокуратурæ домы Акиловæн æнусон ахст стæрхон кæнын.