Медийы  информацийæ, Иракъы «Исламы Паддзахады»  лидеры, Абу  Бакр ал-Багдады, йæ  рахис къухыл нымадмæ ист, Мурад Маргошвилийы амардтой
Медийы информацийæ, Иракъы «Исламы Паддзахады» лидеры, Абу Бакр ал-Багдады, йæ рахис къухыл нымадмæ ист, Мурад Маргошвилийы амардтой

Иракъы  гарзджын  тыхтæ, террористон  къорд  «Исламы Паддзахады»  лидеры, Абу  Бакр ал-Багдады  хæстæгдæр  æмæ   уынаффæгæнæгы  æмæ   йæ  рахис къухыл нымадмæ ист, Абу-Валид  ал-Шишани,  растдæрæй та,  Мурад Маргошвилийы амардтой.  Уый фæдыл  информацийы  хъусын кæны  арабаг медиа.

Телекомпани  Al Sumaria куыд  хъусын кæны, афтæмæй,   Абу-Валид ал-Шиганийы  Иракъы  цæгат хайы  сахар Киркукмæ  хæстæг амардтой.

Ахæлиугонд информацийæ,   спецоперацийы  рæстæджы Иракъы  æдасдзинады  тыхтæ  документтæ  ссардтой,   кæцыты мидæг уыд  террористон къорды  æндæр лидерты  фæдыл информаци.

Иракъы  «Исламы паддзахады»  фæстагмæ састы  фæдыл,  бæстæйы премьер-министр, Гейдар  ал-Аббади  2017 азы  декабры райхъусын кодта.

Абу-Валид  ал-Шишани, афтæдæр хаст уыдис АИШ-ы  «сау номхыгъдмæ».