Швецийы тæрхондон Стокгольмы теракты æххæстæгæнæгæн стæрхон кодта æнусон ахст
Швецийы  тæрхондон  Стокгольмы  теракты  æххæстæгæнæгæн стæрхон кодта æнусон ахст

Швецийы  тæрхондон  Стокгольмы  теракты  æххæстæгæнæгæн,   равзæрдæй  узбекаг, 40 аздзыд Рахмат  Акиловæн,   æнусон ахст стæрхон кодта.  Æмбæлон  скуыддзаг Стокгольмы  облæстон  тæрхондон  райста.

Прокуратурæ  сбæлвырд кодта, цæмæй  террористон   къорд  «Исламы  Паддзахады»  фарсхæцæг  Акилов, 2017  азы  7  апрелы  скъæфт  уæзласæн  автомобилæй,  фистæгдзæуджыты  уынгыл, хæдтулгæ  баскæърдта  адæммæ.  Бырсты   фæстиуæгæн   фæмард 5  адæймаг,  сæ нымæцы  иу  сывæллон, æмæ  10  та  фæцæф сты.

Акиллов  цауы  бынатæй алыгъдис,  фæлæ  йæ барадхъахъхъæнджытæ  Стокгольмы  æддаг сыхы  æрцахстой.  Ахсты  фæстæ,  бырсæг  райхъусын кодта, цæмæй  йæ  архæйдтытæ  здæхт уыдысты   æхсæнадæмон   антитеррористон коалицийы  Швеци хайад кæй иста  уый  ныхмæ.