Спецназаг Вано Голошвилийы абон Мухатгвердийы æфсымæрон уæлмрдыл æфсæддон кадæй бавæрдзысты
Спецназаг Вано Голошвилийы  абон Мухатгвердийы  æфсымæрон  уæлмрдыл  æфсæддон кадæй  бавæрдзысты

Габриэл Салосы уынгыл  спецоперацийы рæстæджы  фæмардуæвæг  спецназаг Вано Голошвилийы  абон Мухатгвердийы  æфсымæрон  уæлмрдыл  æфсæддон кадæй  бавæрдзысты.

Æмбæстагон панихидæ  Кашуеты аргъуаны  цæуы уагъд.  Вано Голошвилийы  аргъуанæй рахæсдзысты  14:00 сахатыл.

Габриэл Салосы уынгыл  спецопераци  22  ноябры æхсæвæй  цыдис.

Спецоперацийы  рæстæджы, паддзахадон æдасдзинады  куысты иу кусæг фæмард.  Цæф сты  спецкуысты  2   æмæ мхм-ы дыууæ кусæгы.

Ахст æрцыд  фыдгæнæг къорды иу уæнг, æрмæст иннæ æртæ та ликвидацигонд æрцыдысты.

Спецоперацийы рæстæдж  иунæг  сабырадон   æмбæстаг дæр нæ базиан ис.

Спеоперацийы  фæстиуæгæн зианбаййафджытæн  скусын кодтой  тæвд хахх – 2 375029, 599 537040, 2 722222 .

Габриэл Салосы уынгыл  спецоперацийы  сæххæст кодта  паддзахадон æдасдзинады  куысты контртеррористон  департамент.