Спецназаг Иване Голашвилийы Мухтагвердийы æфсымæрон уæлмæрдыл æфсæддон æгъдауæй бавæрдтой
Спецназаг Иване Голашвилийы Мухтагвердийы æфсымæрон уæлмæрдыл æфсæддон æгъдауæй бавæрдтой

22 ноябры  спецоперацийы рæстæджы фæмардувæг, 41 аздзыд  спецназаг   Иване Голашвилийы  Мухатгвердийы æфсымæрон уæлмæрдыл,  æфсæддон æгъдауæй бавæрдтой.

Æфсæддон оркестр  маройы  марш  æмæ Гуырдзыстоны гимн сыххст кодта.

Иване Голашвилийы  мардæвæрæны церемонийыл уыдысты  бинонтæ, хæстæджытæ, хумæтæг æмбæстæгтæ,  паддзахадон æдасдзинады куысты  къухдариуæггæнæг  æмæ хъахъхъæнынады министр, афтæдæр гарзджын тыхты  генералон  штабы æххст сконд.

Иване Голашвилийы æмбæстагон панихидæ  уагъд æрцыд Кашуеты  аргъуаны.

41 аздзыд спецназагы  бинонтæ паддзахадæй  иухаттонæй  райсдзысты 100 000  ларийы, æрмæст  æрвылмæйонæй  та,  æххуыс 1000  ларийы бæрцæй.

Иване Голашвили 22 ноябры  Габриел Салосы уынгыл  цæугæ  спецоперацийы рæстæджы фæцæф ис, уымæн сырæзт операци, фæлæ йæ фервæзын кæнын нал бантыст.