Кашуеты аргъуаны уагъд цæуы Габриэл Салосы уынгыл  спецоперацийы  рæстæджы фæмардуæвæг спецназагы Иване Голошвилийы  æмбæстагон панихидæ
Кашуеты аргъуаны уагъд цæуы Габриэл Салосы уынгыл спецоперацийы рæстæджы фæмардуæвæг спецназагы Иване Голошвилийы æмбæстагон панихидæ

Кашуеты аргъуаны Габриэл Салосы уынгыл  спецоперацийы  рæстджы фæмардуæвæг спецназагы Иване Голошвилийы  æмбæстагон панихидæ цæуы.

Аргъуаны нырид  æрымбырд сты  спецназагы бинонты уæнгтæ.  Иване Голошвилийы, Кашуеты аргъуанæй, 14:00 сахатыл рахæсдзысты æмæ Мухатгвердийы  æфсымæрон уæлмæрдыл  æфсæддон æгъдауæй  бавæрдзысты.

Габриэл Салосы уынгыл  спецопераци  22  ноябры æхсæвæй  цыдис.

Спецоперацийы  рæстæджы, паддзахадон æдасдзинады  куысты иу кусæг фæмард.  Цæф сты  спецкуысты  2   æмæ мхм-ы дыууæ кусæгы.

Ахст æрцыд  фыдгæнæг къорды иу уæнг, æрмæст иннæ æртæ та ликвидацигонд æрцыдысты.

Спецоперацийы рæстæдж  иунæг  сабырадон   æмбæстаг дæр нæ базиан ис.

Спеоперацийы  фæстиуæгæн зианбаййафджытæн  скусын кодтой  тæвд хахх – 2 375029, 599 537040, 2 722222 .

Габриэл Салосы уынгыл  спецоперацийы  сæххæст кодта  паддзахадон æдасдзинады  куысты контртеррористон  департамент.