Самебайы аргъуаны цæуы Гудаурийы цур фæмардуæвæг  тæхджыты, ирвæзынгæнджыты æмæ дохтырты æмбæстагон панихидæ
Самебайы аргъуаны цæуы Гудаурийы цур фæмардуæвæг тæхджыты, ирвæзынгæнджыты æмæ дохтырты æмбæстагон панихидæ

Мидхъуыддæгты министрады  арæйнон пъæлицæйы  хæрдмæтæхæджы æрхауды фæстиуæгæн Гудаурийы  цур  фæмардуæвæг тæхджыты – Леван Чохели, Заза Лориа, Дима Каадзе, Андро  Куджошвили, ирвæзынгæнджытæ – Каха  Торчинава æмæ Гиорги Маргианийы, дохтырты – Кети  Гулагашвилийы æмæ  Гиорги Венецкийы  æмбæстагон  панихидæ  Тбилисы, Самебайы  кафедралон  аргъуаны  цæуы. Æмбæстагон  панихидæ  14:00  сахаты онг цæудзæн.

Самебайы  аргъуаны  Патриархы бынативæг  Шио  ауадздзæн  ирвæзынгæнæн операцийы рæстæджы фæмардуæвджыты панихидæ.

МХМ-ы информацийæ,  панихидæйы  фæстæ, мидхъуыддæгты мнистрады арæйнон  пъæлицæйы  тæхджыты æмæ  уæлвæтк уавæрты  фæткдæттæг  куысты  ирвæзынгæнджыты  мыггаджы уæлмæрдтыл бавæрдзысты  æфсæддон кадимæ.