Специалон пенитенцион куыст – Ахæст Саакашвилийы ныхмæ ницы уæлæмхас арæнæвæрдтæ снысан ис
Специалон пенитенцион куыст Михеил Саакашвилийы тыххæй æмбарынгæнæн дæтты, ома куыстæй уагæвæрд, исты хуызы арæнæвæрдтæ нæ уыд æмæ ахæлиугонд информаци реалондзинадмæ не мбæлы.
«Тæрхонмæ лæвæрд М. Саакашвили сæрмагонд барты тыххæй æххæстæй информиргонд у. Банысанкæнинаг у, цæмæй с пециалон пенитенцион куысты генералон директоры бардзырдмæ гæсгæйæ, тæрхонмæлæвæрдæн æфхæрды æмгъуыд арвитын стæрхон ис, æхгæд типы сæрибардзинад æмбондгæнæг уагдоны. «Ахсты фæдыл кодексы» 65-æм статимæ гæсгæйæ та, уыцы ахæст, кæцы æфхæрды æмгъуд æрвиты æхгæд типы сæрибардзинады æмбондгæнæг уагдоны, ис йæм бар иу мæйы дæргхъы йын уа иу цыбырæмгъуыдмæ фембæлд, æрмæст стимуляцийы формæйæ та – мæйы мидæг иу, уæлæмхас цыбыр фембæлд. Ахæст М. Саакашвили афтæдæр информиргонд у, цæмæй иу афæдзы мидæг, йæ бон у уа йын дыууæ дæргъвæтин фембæлд, æрмæст стимуляцийы формæйæ та – афдзæ иу, уæлæмхас цыбыр фембæлд.
Ахæсты æнæниздзинады уавæры тыххæй, хъусын кæнæм, цæмæй М. Саакашвили, №12 пенитенцион уагдоны медицинон персоналы цæстдарды бын ис. Афтæма разыдзинадмæ æмбæлгæйæ, уагъд йын цæуы лабораторион бæрæггæнæнты мониторинг æмæ инструментон диагностикæ, исы æндæр æмæ æндæр дохтыр специалистты регулярон консультацитæ æмæ хос кæны куыд йын у нысангонд афтæ. Банысан кæнын хæъуы, цæмæй ахæст нæзагъд кæны психотерапевты консультацийыл» – дзырдæуы специалон пенитенцион куысты фидиуæны.