Сосо Гогашвили хъусын кæны, цæмæй 2017 азы спецоперацийы фæлгæтты, нейтрализацигонд уæнгтæн, Гуырдзыстоны теракттæ сыххæст кæнынæн, уыдис æртæ фидар нысан
Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куысты хистæры раздæры хæдивæг Сосо Гогашвили Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ Габриэл Салосы проспектыл уагъд спецоперацийы детæлттæ æрымысыд æмæ фæдагуырд, спецоперацийы онг æмæ уый фæстæ цы бæлвырдгæнæнтæ самал кодта уыдоны кой кæны.
Сосо Гогашвилийы куырдиатæй, зæгъгæ спецоперацийы фæлгæтты нейтрализацигонд гоймæгтæн, террористон акттæ сыххæст кæнынæн æртæ фидар нысан уыд. Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, фæнысангонд уæнгты сæйраг нысан уыд массон æмбырды уыцы бынæттæ, кæцы рæтты дæр америкæгтæ уыдаиккой.
«Ист бæлвырдгæнæнты баиу кæныны фæрцы бæрæг ссис фыццаг этапыл Гуырдзыстоны фондз æмбæстаг, стæй ма сæм бамхас сты дыууæ, æмæ æмтгæй райсгæйæ уыдысты астæй, кæд раст хъуыды кæнын уæд. Бæлвырдгæнæнтæ уыд алкæй ныхмæ дæр. Мах сæ хронологионæй равæрдтам ацы бæлвырдгæнæнтæ Чатаевы æмæ Адашевы æрбацыды бонæй, кæцытæ ликвидацигонд сты. Æрбафтыд нæм бæлвырдгæнæн Борзиевыл æмæ ноджы иу адæймагыл. Борзиев æфхæрдмæ лæвæрд æрцыд, дыккаг та ликвидацигонд у. Адонимæ контактты уæвæг гуырдзиæгтæ, кæцытæ уыдысты баст æхцы æрвысты баххуысы, цалдæры номыл уыд конд банкъон хыгъд Европæйы æндæр æмæ æндæр бæстæты, кæцæй дæр æрвыст цыдис Гуырдзыстоны архайæг банкъон хыгъдтæм, уыдис дзы бынативды маршруттæ, уыдис телефонон мæсыггондтæй æмæ камерæтæй. Стæй самал кодтам видеобæлвырдгæнæнтæ, куыд цыдысты иу ранæй иннæ ранмæ иумæ»- райхъусын кодта Сосо Гогашвили.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, фæдагуырд систа телефонон дзырдты ныффыстытæ дæр.
«Арæны иннæ æрдгæй, а.х. цъæх арæн, кæцы хъахъхъæд нæу, а.х. телæмбондтæй, уым арахайы æрзылды радгæсад , æмæ ис дыууæ раны астæу ахæм афон радгæс дард куы вæййы бынатæй. Уый тыххæй зыдтой тынг хорз, зыдтой æрзылды мидуагы фæтк æмæ Турчы æрдгæй куы æрбалæууыдысты арæныл, нæ информацийæ, фыццаг хатт фæдзырдтой Темирлан Мачаликашвилимæ. Уымæй уæлдай ма, уым уыдис интернеты пакеттæ йæ номыл фидаргонд, кæцыйы парольтæ уыдысты йæ номæй. Афтæдæр, уыд фатертæ, нырма иу æмæ стæй дыккаг, уыдис ифтонгад хæлц æмæ мигæнæнтæй, стæй цæцæйнæгты Кахетмæ нылластой æмæ уырдгæй та раластой æхсæнгарз. Алцыппæт ацы хъуыддæгты сын æххуыс кодта»– банысан кодта Сосо Гогашвили.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Габриэл Салосы проспектыл уагъд спецоперацийы фæстæ, фæдагуырд не ссардта æрмæст лептоп. Гогашвилийы ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ бынатыл уыдис информацийы бавæрынæн хъæугæ бирæ мигæнæнтæ – сæ нымæцы а.х. «флешкатæ» айпад æмæ мобилон телефонтæ.
«Спецопераци куы фæцис æмæ фыдгæнджытæ ликивдацигонд куы æрцыдысты, нæ коллегæтимæ æмæ фæсарæйнаг партнертимæ иумæ райдыдтам бынат иртасын æмæ æрмæджытæ исын, уыцы ран цы уыдис æмæ стæй растдæр уырдгæй æрцыд ацы информацийы ист. Дзырдæуы телефонты номыртыл, рабафыстытыл, смс-тыл. Афтæдæр уыд аудио-видео, фото бæлвырдгæнæнтæ. Иу мæймæ æрцæттæ кодтам алцы. Хъуыддаджы баст уыдысты нæ коллегæтæ, фæдагуырды федералон бюройы (FBI) фæдагур къорд. Самал кодтам бæлвырдгæнæнтæ Абу Джихады æмæ Ахмед Чатаевы æхсæн, кы ныхас кæнынц, цæмæй терористон акт хъуамæ сыххæст уа адæмарæх ран æмæ йæ сыххæст кæной Турчы æви Гуырдзыстоны æмæ йын Чатаев æнхъары цæмæй зæгъгæ хуыздæр уайид Америка (ам æмбæстæгтыл цæуы дзырд), уымæн æмæ сæм уыцы рæстæджы уыдис инфоромаци, цæмæй ам бирæйæ уыдысты америкæгтæ æмæ растдæр ацы периодимæ фемдзыд ис Гуырдзыстон-Америкæйы регбийы æмбырдгæндты хæларон матч, афтæдæр уыд Сабион Евроуынынад æмæ Зæлдаг Фæндаджы самит. Æвзæрст сын уыдис æртæ фидар мысаны, кæцы рæтты дæр амæттæгты нымæц уыдаит тынг стыр. Террористон акт æнхъæлцау уыдаит уыцы хæцæн æрмæджытæй, кæытæ мах систам, уыцы хотыхтæй æмæ ахæм бæрцæй нæмгуытæй, кæцы æрцыд ист. Гæнæн ис уыдаит æхсæнгарзæй массон марындзинæдтæ, массон æмбырды рæтты æмæ цæй зæгхын æй хъæуы, æппæтыфæстаг уыдаит шахиды рон скуысын кæнын. Амондæн нæ сын бантыстис æмæ бынатыл æрцыд ликвидаци æмæ террористон актытæ цæхгæр кæрон скодтам. Мысан уыдысты америкæгтæ бæрæг куыд ыссис афтæмæй. Европаг коллегæтæй нæм æрбацыд информаци, цæмæй ацы террористон акт хъуамæ уыдаит ахæм масштабы, кæцы æнæ æрмæст Гуырдзыстон сæнкъуысын кодтаит, фæлæ ма Европæ æмæ Дуне дæр. Ахъуыды кæнут, уый цы æрхастаит Гуырдзыстонæн æмæ цæй йас дзæхст уыдаит, ам куы ныццагъдаиккой нæхи æмбæстæгты æмæ туристты»- райхъусын кодта Сосо Гогашвили.