Сосо Бараташвили – мустафа Эмре Чабукы экстрадицийы фарстыл тæрхоны процесстæ адарддæр уыдзысты
Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ай у не мбæстагон дзыллæйы афтæдæр æхсæнадæмон организациты стыр тохы фæстиуæг – уый фæдыл Демиреллийы колледжы гъæды фæткдар менеджеры Мустафа Эмре Чабукы адвокат Сосо Бараташвили райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фыццаг инстанцийы тæрхондоны процесс ноджы адарддæр уыдзæн, цы ран фыццаг рабадтыл æркæсдзысты иргъæвæг фарсы фыстæй позици эекстрадицийы æнæруадзгæдзинады фæдыл.
«Ам баст уыдысты журналисттæ, педагогтæ, адæмон хъахъъæнæг, хуымæтæг æмбæстæгтæ, европарламенты уæнгтæ, æхсæнадæмон организациты минæвæрттæ. Ай уыдис æцæг тох барадон паддзахадæн æмæ демокративон хæзнаты æрфидар кæнынæн. Цыдæриддæр та процедурæтæм æххæссы, фæдылдзог тæрхоны рабадтыл, кæцыйы датæ нырма нæу бæрæг, каст æрцæудзæн сæрыл дзурæг фарсы фыстæй позици экстрадицийы æнæруадзгæдзинадмæ гæсгæ, уый фæдыл тæрхонгæнæг скуыддзаг райсынмæ рацæудзæн» зхагъта Бавраташвили.
Демиреллийы колледжы гъæды фæткдар менеджеры, Мустафа Эмре Чабукæн экстрадицийыагъоммæ ахст ивд æрцыд цъындыйæ.
Тбилисы сахарон тæрхондон прокурроры куырдиатимæ Чабукæн ахсты цъындыйæ баивыны фæдыл сразы ис. Прокуратурæ домтта 10 мин ларийы цъынды бахæсджын кæнын, тæрхондон та цъындыйы бæрц, 1000 ларийы онг фæкъаддæр кодта.