Эка Беселиа – Чабукы Туркмæ экстрадицийы фæдыл скуыддзаг æмбæлон хъуамæ уа закъонмæ

Парламенты   юридикъон фарстыты   комитеты   сæрдар  Эка Беселиа хъусын кæны, цæмæй  Мустафа Эмре Чабукы  Туркмæ  гæнæн экстрадицийы   фарстыл  тæрхондоны скуыддзаг æнцой хъуамæ уа   конституци æмæ  Европæйаг  конвенцийы   стандарттыл.

«Нæхи æрдгæй  политикътæ  тæрхондонæн мацы хъуамæ амонæм,  цахæм хъуамæ уа æвæрццаг кæнæ æппæрццаг  скуыддзаг.  Иунæг комментарий, кæцыйы  саразын мæ бон у,  у уый, цæмæй  ацы скуыддзаг   конституцийы  æмæ европаг   конвенцийы  стандарттæм æмбæлон хъуамæ уа» – хъусын кæны  Эка Беселиа.

Тбилисы  сахарон   тæрхондон  Мустафа Эмре Чабукы  Туркмæ экстрадицийы  фарстыл  абон æртæрхон кæндзæн.