Мустафа Эмре Чабукæн экстрадицийы агъоммæ ахст ивд æрцыд цъындыйæ (фото)
Демиреллийы колледжы гъæды фæткдар менеджеры, Мустафа Эмре Чабукæн экстрадицийыагъоммæ ахст ивд æрцыд цъындыйæ.
Тбилисы сахарон тæрхондон прокурроры куырдиатимæ Чабукæн ахсты цъындыйæ баивыны фæдыл сразы ис. Прокуратурæ домтта 10 мин ларийы цъынды бахæсджын кæнын, тæрхондон та цъындыйы бæрц, 1000 ларийы онг фæкъаддæр кодта.
Мустафа Эмре Чабук, тæрхоны залы ахæстты бынатæй ахызтис адвокатты бынатмæ.
Демиреллийы колледжы гъæды фæткдар менеджеры, 2017 азы 24 майы Гуырдзыстоны турчы æркуырдæй æрцахстой. Уымæн аххосаг бавдыстой уыцы терроористон организацийы уæнгдзинады, кæцы Турчы хицауады хъуыдымæ гæсгæйÆ, Фетула Гюлленимæ у баст. Йæхæдæг Гюллены та Турчы азымджын кæнынц падзахадон фæфæлдæхты организацидзинады. Мустафа Эмре Чабук ацы афонмæ, экстрадициагъоммæ ахсты уыд.





