Сомихыстоны раздæры президент Серж Саргсяны аххосджын кæнынц гæртамæй æхца исыны
Сомихыстоны раздæры президент Серж Саргсяны аххосджын кæнынц гæртамæй æхца исыны

Сомихыстоны раздæры президент Серж Саргсянæн гæртам райсты  тыххæй аххосаг бавдыстой.

Коррупцийы ныхмæ комитет уæлæмхасæн басгæрсты фæуды фæстæ ныридæгæн хъуыддаг тæрхондонмæ барвыста. Уый ма аххосджын кæнынц æнæзакъон амалхъомдзинады архайды дæр.

Фæдагуырдмæ гæсгæ, хъахъхъæнынады министры, премьер-министры, фæстæдæр президенты посты рæстæджы 2000-æм азæй 2018-æм азмæ Саргсян æмрæстæджы архайдта амалхъомдзинады архайды, кæд æмæ уый закъонæй тобæгонд у, уæддæр. Уымæй уæлдай ма йæ аххосджын кæнынц йæ официалон бынатæй æууæнкджын адæймæгты фæрцы коммерцион компанитæ саразынæн, кæцыты акцитæ фæстæдæр радта взяткæйы хуызы.

Хъуыддаг ныр лæвæрд æрцыд коррупцийы ныхмæ тæрхондонмæ.