Медиайы хъусинагæй, Украинайы æртæ милуан  доллары  бæрц гæртам исты рæстæджы,  Сæйраг Тæрхондоны  сæрдар Всеволод Князевы  æрцахстой
Медиайы хъусинагæй, Украинайы æртæ милуан доллары бæрц гæртам исты рæстæджы, Сæйраг Тæрхондоны сæрдар Всеволод Князевы æрцахстой

Украианйы  æртæ милуан доллары бæрц гæртам  райсты фактыл,  Сæйраг Тæрхондоны    сæрдар  Всеволод Князевы  æрцахстой –  æмбæлгæ  инфорамцийы, украинаг медиа антикоррупцион  бюройы æмæ  специализацигонд антикоррупцион   прокуратурæйы   уæвæг   ратæдзæныл  æнцойæ  хъусын.

Уагдæтты  хъусинагæй,  фæдагурæг   архæйдтытæ  дарддæр кæнынц.  Украинаг медиайы   информацийæ,   джигул  цæуы Украинайы  сæйраг тæрхондоны ноджы 18  тæрхонгæнæгмæ.

Уыимæ, медиайы хæлиу кæны  информаци,  цæмæй Князев   æхца иста   олигарх  Константин  Жевагойы интерестæй архайæг уæнгтæй.

Украинайы   националон антикоррупцион   бюро    бæлвырд хъусын кæны, цæмæй    раргом кодтой  масштабон  коррупци  сæйраг тæрхондоны.  Бюройы  хъусын кæнынц цæмæй  деталтæ фæстæдæр  публикаци кæндзысты.

Уыимæ  сæйраг  тæрхондоны  ахæлиугонд  фидиуæны  дзырдæуы, цæмæй  Князевы алыварс  айтынггонд   фæзындты фæдыл  16 майы   сæйраг тæрхондоны  пленумы  уæлрадон   рабаддты ацæудзæн.

Всеволод Князев Украинайы сæйраг тæрхондоны  тæрхонгæнæджы  бынат ахсы  2021 азы  фыццаг декабрæй.