Сомихыстоны президент Гуырдзыстонæн хæдбардзинад бон раарфæ кодта.
Сомихыстоны президенты пресс-куыст куыд хъусын кæны афтæмæй, Армен Саргсян, арфæйы фыстæг Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилийæн арвыста.
«Æнусты дæргъы, Сомихыстоны æмæ Гуырдзыстоны ахастытæ парахат кодтой æфсымæрон цæдисты æмæ нæ нациты историон æмæ культурон æнгæсдзинæдты бындурыл. Стыр цинæй банысан кæндзынæн, цæмæй абон паддзахадты æхсæн уæвæг ахастытæ растдæр уый æвдисæг сты» – дзырдæуы Сомихыстоны президенты арфæйы фыстæджы.
Сомихыстоны президент афтæдæр уырнæг у, цæмæй дыууæ бæстæйы æхсæн хæларон ахастытæ, регионы стабилондзинад æмæ æдасдзинады гаранти сты.