Сомихыстоны генералон прокуратурæ Никол Пашиняны бæрн сæвæрыны фарстайыл националон æдасдзинады куыстмæ баздæхтис
Сомихыстоны генералон прокуратурæ Никол Пашиняны бæрн сæвæрыны фарстайыл националон æдасдзинады куыстмæ баздæхтис

Сомихыстоны генералон прокуратурæ бæстæйы  премьер-министры, Никол Пашиняны бæрн сæвæрыны  фарстайыл националон æдадсзинады  куыстмæ баздæхтис.

Сомихаг медиайы  куыд фыссынц  афтæмæй, уый фæдыл  парламенты  рабадтыл  Сомихыстоны генералон прокуррор  Ана Вардапетян   райхъусын кодта.

«Фидиуæны уыдис  бæрæг документтæ, сæ нымæцы  сæрмæмулкъы  фæдыл   бæлвырдгæнæнты хуызæгтæ, кæцыты  автентондзинады басгарын у æнæмæнгхъæугæ.  Бадæхтыстæм  националон æдасдзинады куыстмæ  куырдиатæй,  равдиса нын   æмбæлгæ  оперативон басгæрсты фæстиуджытæ, цæмæй æркæсæм фарста, райдайæд æви нæ хъуыддаг» – райхъусын кодта Вардапетян.

Бакой уын кæндзыстæм, уæдмæ, Азербайджанæн территориты алæвæрды  процессы  райдаыны тыххæй,  адвокат  Ара Зограбян æмæ запасы   булкъон Айк  Нагапетян Сомихыстоны генералон прокуратурæмæ Никол Пашиняны тугтæрхоны барады дзуаппмæ раттыны  куырдиатæй  баздæхтысты.