Чырыстон дины фæдонты хай бæрæгбон кæнынц Чырыстийы Райгас. Сегасæй Стыр чырстон бæрæгбоны нысан кæны Сомихаг Апостолон аргъуан.
Тбилисы Сурб Геворы кафедралон аргъуаны бæрæгбонон скуывд архимандрит Киракоз Давтян сæххæст кодта. Службæйы фæстæ арфæ æрцыд заз, кæцы стæй аргъуаны æрымбырдуæвæг адæмæн байуæрстой.
Бæрæгбонон скуывдтытæ Тбилисы Эчмиадзины аргъуаны æмæ Гуырдзыстоны архайæг сомихаг епархийы алы аргъуаны ацыд.
Сомихы Апостолон Аргъуан Куадзæны бæрæгбон, ног стилæй, кæнæ григорианон къæлиндармæ гæгæ бæрæгбон кæны.