Сомихы Апостолон Аргъуан абон бæрæгбон кæны Куадзæн

09:05, 17.04.2022

Сомихаг  Апостолон аргъуан нысан  кæны  Сегасæй  Стыр  чырстон  бæрæгбон – Чырыстийы   Райгас.

Бæрæгбонон скуывд ацыд  Гуырдзыстоны сомихы епархийы  алы  архайæг аргъуаны.  Бæрæгбонон  скуывд стыр сабатбон,  изæры 19:00 сахатæй  райдыдта.

Тбилисы  Сурб Геворкы  кафедралон аргъуаны бæрæгбонон скуывд  архимандрит  Киракоз  Давтяны уым уæвгæйæ ацыд. Бæрæгбонон  скуывдтытæ  Тбилисы  Эчмиадзины  аргъуаны æмæ Гуырдзыстоны  архайæг сомихаг епархийы  алы аргъуаны  ацыд.

Сомихы Апостолон  Аргъуан  Куадзæны  бæрæгбон, ног стилæй,  кæнæ григорианон  къæлиндармæ гæгæ бæрæгбон кæны.

Хуыздæр