Католикон дуне Куадзæны Рухс бæрæгбон кæны

08:43, 17.04.2022

Католикон дуне  17 апрелы  бæрæгбон кæны  Куадзæн.  Бæрæгбоны размæ  уыд   40  бонон комдарæн.

Тбилисы Мады Майрæмы  уæларвмæ  схизыны   кафедралон  аргъуаны дысон æхсæвæй  ацыд   пасекы литурги.

«Ай у сегасдæр  стыр æхсæв, чырыстон куы  ма хъуамæ  бафынæй уа ахæм.  Ац ыæхсæв  Чырысти  æрыздæхт  зындонæй, уый  фæтых ис  мæлæтыл, тæригъæдыл, хæйрæгыл  æмæ   мæрдтæй  райгас.  Фæнды мæ  раарфæ кæнын  католикон  диныл æххæст чи у  алкæмæн  ацы  стыр  бæрæгбон»  банысан кодта Тбилисы Мады Майрæмы  уæларвмæ  схизыны   кафедралон  аргъуаны   разамонæг,  фыд Зураб Какачишвили.

Уыимæ, аргъуаны æрымбырдæуæвджытæн  Гуырдзыстоны хицауады номæй  бæрæгбон  раарфæ кодта  премьер-министры дæлбар  уæвæг  религийы  фарстаты   паддзахадон  агентады сæрдар Заза Вашахъмадзе.

Хуыздæр