Сомихаг медиайы информацийæ, Никол Пашинян сбæлвырд кодта, цæмæй Сомихыстон æмæ Азербайджан кæрæдзийы территорион æнæхъæндзинад банымады фæдыл æрныхас кодтой
Тынг дзæбæх прогресс нын ис Азербайджанимæ нæ ахастыты нормализацийы æрдгæй – уый фæдыл Сомихыстоны премьер-министр, Никол Пашинян Евразийы экономикон цæдисы саммитыл райхъусын кодта.
Сомихаг медиайы информацийæ, Сомихыстоны хицауады къухдариуæггæнæг сбæлвырд кодта, цæмæй Сомихыстон æмæ Азербайджан æрныхас кодтой кæрæдзийы терирторион æнæхъæндзинад банымады фæдыл.
«Уырдæйг рацæугæйæ, тынг дзæбæх прогресс нын ис ахастыты нормализацийы æрдгæй. Ацы контексты Уæлхох Къарабахы цæрджыты æдасдзинад æмæ бартæ иттæг нысаниуæгджын фарста у æмæ мæ ныфс ис, тагъдрайдайдзæн нормалон æмæ конструктивон диалог Баку æмæ Степанакъерты æхсæн æхсæнадæмон механизмты фæлгæтты», – райхъусын кодта Никол Пашинян.