Софо Джапаридзе – абон «Картули Оцнеба»  кæд искæмæй  тæрсы, уæд  ахæм у уæгъдибар Михеил Саакашвили, кæцы у уый цæвиттон, цæмæй цæмæ баххæссын у  йæ бон Гуырдзыстонæн куы  баиу  вæййы  уæд
Софо Джапаридзе – абон «Картули Оцнеба» кæд искæмæй тæрсы, уæд ахæм у уæгъдибар Михеил Саакашвили, кæцы у уый цæвиттон, цæмæй цæмæ баххæссын у йæ бон Гуырдзыстонæн куы баиу вæййы уæд

Михеил Саакашвилийы ныхмæ архæйдтыты хронологи ноджы иу хатт нын бæлвырд кæны уый, цæмæй ай æппæты фæстæ лæууы Уæрæссе æмæ йæхæслæвæрдтæ æххæст кæны Иванишвили. Иванишвили тæрсы сæрибар Михеил Саакашвилийæн æмæ бæлвырд зоны, цæмæй йæ сæрибардзинад нысан кæны нæ бæстæйы европаг райрæзт, – уый фæдыл «Иугонд Националон Змæлды» Тбилисы организацийы сæрдар Софо Джапаридзе «Вивамедийы» цур журналисттæн загъта.
Йæ дзырдæй зæгъгæ, «Картули оцнеба» кæд искæмæй тæрсы, уæд ахæм у уæгъдибар Михеил Саакашвили, кæцы уый цæвиттон у, цæмæй цæмæ баххæссын у йæ бон Гуырзыстонæн, ку ы баиу вæййы уæд.
«2 август а.х. арæнсæттыны хъуыддагыл ног нысангонд а.х. тæрхонгæнæг, Михеил Джинджолиа бынтон æнæбындурæй æмæ æнæзакъононæй Михеил Саакашвилийæн стæрхон кодта рагафон ахст. Уый загъта абсолютон абсурд, ома цæвиттон æвдисæнтыл уæлæндæвд скæныны æмæ ног фыдракæнды тас ис. Кæцы у абсурд. Михеил Саакашвилийæн æнæрмæст æвдисæнтимæ коммуникацийы, фæлæ ма телефонон дзырдты æмæ уымæ депутатты бацыды бар дæр байстой. Уый у бынтон æнæпрецедент цау, иухатт ахсты уæвгæ адæймагæн, дыккаг ахст стæрхон уа. Раст ацы рæстæджы бынтон зынæмбарæ æфсонæн Михеил Саакашвилийæн ивынц йæ палатæ, кæцы, кæй зæгъын æй хъæуы, æвзæрын кæны фарстытæ. Фæзындты хронологи нын ноджы иу хатт бæлвырд кæны, цæмæй ай æппæты фæстæ лæууы Уæрæсе æмæ Иванишвили æххæст кæны Уæрæсейы хæслæвæрдтæ. Кæд искæмæй æмæ истæмæй абон «Картули Оцнеба» тæрсы, уæд ахæм у уæгъдибар Михеил Саакашвили, кæцы уый цæвиттон у, цæмæй цæмæ баххæссын у йæ бон Гуырдзыстонæн, куы баиу вæййы уæд. Бæлвырд зонынц уыдон, цæмæй бæстæ куы уыдис сегасдæр уæззау æмæ æнæныфс уавæры, бæстæйы куы уыдис нæуырнинаг коррупци, криминал, мæгуырдзинад, Михеил Саакашвили бафæрæзта баиу кæнын адæм æмæ Гуырдзыстоны скодта регионы Лидерæй. Растдæр уый нæу йæ бон ныббарын «Картули Оцнебайæн» Михеил Саакашвилийæн. Уыдон бæлвырд зонынц, цæмæй Михеил Саакашвилйиы сæрибардзинад нысан кæны бирæ инвестици Гуырдзыстоны, нысан кæны бирæ куыстон бынат, бæрзонд мыздтæ, ныллæг æргътæ æмæ сегасдæр нысаниуæгджын – нысан кæны нæ бæстæйы европаг райрæзт, цæмæйдæр сеппæтæй тыхджын тæрсы Иванишвили», – райхъусын кодта Софо Джапаридзе.