Уæрæсейы Фкедерацийы президнт Владимир Путин оккупацигонд Абхазы де-факто президент, Рауль Хаджимбаимæ фембæлд.
Уæрæсейы президенты администрацийы веб-фарсыл публикацигонд информацимæ гæсгæйæ, фембæлдыл дыууæфарсон социалон-экономикон ахастытæ æркастысты. Ныхас уыд ацы ахастыты фæарфдæры перспективæтыл дæр.
Уæрæсейы президенты администрацийы пресс-релизы куыд у банысангонд афтæмæй, фембæлд Сочæйы Уæрæсейы æмæ оокупацигонд Абхазы дипломативон ахастыты 11 азы сæрмæ гæсгæ ацыд.
Фембæлдыл Владимир Путин оккупацигонд Абхазы æрбаввахсгонд æвзæрстыты кой ракодта æмæ банысан кодта, цæмæй зæгъгæ а.х. æвзæрстытæ демокративон уавæрты ацæудзысты. Рауль Хаджимба Владимир Путинæн, оккупацигонд Абхазы сæххæст инвестициты тыххæй бузныг загъта æмæ йæн уыцы арæзтадон проектты фæдыл информаци бадæтта, кæцытæ æххæст цæуынц уырыссаг инвестициты фæрцы.