Сочæйы Владимир Путин фембæлд Рауль Хаджимбаимæ
Сочæйы  Владимир Путин фембæлд Рауль Хаджимбаимæ

Уæрæсейы  Фкедерацийы  президнт  Владимир Путин   оккупацигонд Абхазы де-факто  президент, Рауль Хаджимбаимæ фембæлд.

Уæрæсейы президенты  администрацийы  веб-фарсыл  публикацигонд   информацимæ  гæсгæйæ,   фембæлдыл   дыууæфарсон  социалон-экономикон ахастытæ   æркастысты.  Ныхас уыд  ацы  ахастыты  фæарфдæры  перспективæтыл дæр.

Уæрæсейы   президенты   администрацийы  пресс-релизы  куыд у банысангонд афтæмæй,   фембæлд Сочæйы   Уæрæсейы    æмæ оокупацигонд Абхазы  дипломативон  ахастыты  11 азы  сæрмæ  гæсгæ  ацыд.

Фембæлдыл  Владимир Путин   оккупацигонд Абхазы  æрбаввахсгонд  æвзæрстыты кой  ракодта æмæ  банысан кодта, цæмæй  зæгъгæ а.х. æвзæрстытæ   демокративон   уавæрты ацæудзысты.   Рауль Хаджимба  Владимир Путинæн, оккупацигонд  Абхазы  сæххæст инвестициты  тыххæй   бузныг загъта æмæ йæн уыцы   арæзтадон  проектты  фæдыл информаци бадæтта,  кæцытæ  æххæст цæуынц  уырыссаг инвестициты фæрцы.