Скъолаты улæфæн рæстæг 30 декабрæй  17 январы  онг аххæсдзæн
Скъолаты улæфæн рæстæг 30 декабрæй 17 январы онг аххæсдзæн

Гуырдзыстоны масштабæй, æхсæнадон æмæ хицæн скъолаты  улæфæн  рæстæг  2021 азы 30 декабрæй райдайдзæн, ахуыр та сног уыдзæни  2022 азы 17 январы.  Уый фæдыл  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн  фехъусын кодтой  ахуырады министрадæй.

Рæвдауæндæтты  тыххæй  та,   Тбилисы  сабион рæвдауæндæтты  фæткдæттæг   агентады информацийæ,   уыдон 30  декабры кусдзысты, 31 декабрæй та  сын райдайдзæнис улæфæн рæстæг. Рæвдауæндæтты кусын сног кæндзысты 2022 азы  17 январæй.