Скъолаты, цы ран ахуыры процесс кълассты сног уыдзæнис, ныйарджытæм, дистанцион æмæ скъолайы уæвгæйæ ахуыры æхсæн æвзарыны фадат уыдзæн
Координацион советы уынаффæйæ, 1-аг февралæй иумæйагрухсадон уагдæттæ æнæхъæн бæстæйы территорийыл уый нымæцы Ачъарайы автономион республикæйы территорийыл архайæг иумæйагрухсадон уагдæтты, Тбилис, Кутаис æмæ Руставæй цух ахуыры процесс адарддæр уыдзæн кълассты.
Ахуырады, зонæдты, культурæ æмæ спорты министрады куыд банысан кодтой афтæмæй, министрад зæгъгæ скъолаты, цы ран ахуыры процесс кълассты адарддæр уыдзæн, æнæнизхъахъхъæды министры бардзырды бындурыл, алы хъæугæ ресурстæй сифтонг кодта. Уымæ гæсгæ дæр, уагдоны хъусинагæй, иумæйагрухсадон уагдæттæ, ахуыргæнинæгты райсынмæ æххæстæй цæттæ сты.
«Йæ тыхы баззайдзæнис 2020-2021 ахуыры азы райдайæны министрадæй лæвæрд рекомендацитæ. Сæрмагондæй та, скъолайæн йæ бон у ахицæн кæнын: цас рæстæг цæуыдзæн уро; урокты процессы рæстæг кæпхæн/къласстæм гæсгæйæ; тасгæйæ спланы кæна ивдтытæ; ахуырдзауты æдасдзинады æмæ скъолайы инфраструктурæмæ æмбæлгæйæ сплан кæна æмхæццæ ахуыры сæрмагонд модель; æмхæццæ моделы сплан кæныны рæстæджы I-IV къласты ахуырдзаутæ æнæмæнгхъæугæйæ сфидар кæна физиконæйы скъолайы тыгъдады уроктæ ауадзын; ахуыры процессы сплан кæныны рæстæджы, скъолайы инфраструктурæмæ æмбæлгæйæ æмæ скъолатæ сæвдæлон кæныны нысанæн, ахуыры бонæй снысан кæна сабат бон»- дзырæдуы ахуырады, зонæдты культурæ æмæ спорты министрады информацийы.
Фæнысангонд ахаст бандавдзæн æрмæст ацы горæттæм: – Зугдид, Телав, Зестафон, Гардабан, Поти, Марнеул, Батум, Кобулет æмæ Гуры уæвæг скъолатæм. Кæд ахуыргæнджытæ тыхыбын бауыдзысты уæлæмхас уроктæ ауадзын дистанцион режимы, уæд министрады уынаффæйæ, уыдон æмбæлгæйæ уæлдай маздтæ райсдзысты.