Иумæйагахуырадон скъолаты абон ног ахуырадон афæдз райдайы. Гуырдызстоны Фыццаг Къаналæн ахуырады, зонæдты, культурæ æмæ спорты министрадæй куыд фехъусын кодтой афтæмæй, бæстæйы масштабæй абон 55 000-ы онг фыццагкълассаг цæуы ахуырмæ. Уыдонæй 48 254 цæудзысты æхсæнадон скъолатæм, æрмæст хицæн скъолатæм 6 067 ахуыргæнинаг цæудзæн. Алы фыццагкъласагмæ лæвæрд æрцыд Якоб Гогебашвилийы ранæуæггонд «Деда Эна».
2019-2020 ахуырадон афæдзмæ бæстæйы масштабæй арызт æрцыд 27 ног скъола, 141 скъола рацалцæг кодтой, æрмæст 884-ы онг скъолайы сыххæст чысыл инфраструктурон проектытæ.
Тбилис æмæ регионты масштабæй реабилитацион куыстыты тыххæй 19 скъолайы ахуыры райдайыны датæ рæнхъ цауты иу, иннæ цауты та дыууæ къуырийæ æрцыд æргъæвд.