Скъолайы мандатонтæн уыдзæн бар, æнахъомы бафæстиат кæнын, барадхæлдыя цауы та хæсджын уыдзæн полицимæ æнæаргъæвгæйæ фæдзура
Скъолайы  мандатонтæн уыдзæн бар, æнахъомы бафæстиат кæнын,  барадхæлдыя цауы та    хæсджын уыдзæн полицимæ æнæаргъæвгæйæ фæдзура

Скъолайы   мандатон куысты мнæварæн уыдзæн бар,  æнахъомы  бафæстиат кæнын,  ныйарджытæн æмæ  барадсасты  цауы,  хæсджын уыдзæн æнæаргъæвгæйæ  фехъусын кæна   полицийæн –  фæнысангонд  ивынады йæ хъуыдыйы дары «Иуæмаг ахуырады  фæдыл» Гуырдзыстоны  закъоны проект.

Уымæй  уæлдай   проектмæ гæсгæйæ,     мандатоны  куыст   суыдзæн бирæ  хæдбар дæр æмæ  уыдзæн бæрзонд легитимацигонд. Мандатоны  снысан кæндзæн    скъолайы директор нæ фæлæ,   мандатоны   куысты хистæр.   Мандатон куысты  хистæры  постыл сæвæрдзæн  ахуырады министр.

Афтæма   кæд æмæ архайæг   закъондæттынадæй, мандатонæй  гæнæн ис  суа  иумæйаг ахуырад кæмæн ис  ахæм уæнг, ивындзинады фæстæ  мандатонæй  снысан уыдзæн  æрмæст  уæллаг ахуыр  чи фæцис уый.

 

Уымæй  уæлдай, мандатоны куыстмæ райсыны  кар схиздзæн   21 азы онг; ивд цæуы  мандатоны  профессион   бацæттæйы   уаг,   кæцы  теорион    бацæттæимæ   иумæ   практикон   компоненты   дæр дары  йæ хъуыдыйы.   Райрæздзæн  бацæттæгæнæн  курсы  æмгъуыд. Къурсæн къухдариуæг кæндзысты  æмбæлон  эксперттæ,  кæцы  фæбæрзонддæр кæндзæн  ахуыры   хъæд æмæ  мандатонты   профессион   рæзт  срæвдз кæндзæн.