Сирийы скæсæн Гъутайы сабырадон цæрджыты колоннæйыл бомбæкалд сырæзт
Сирийы  скæсæн Гъутайы  сабырадон цæрджыты   колоннæйыл  бомбæкалд сырæзт

Сирийы  скæсæн Гъутайы  сабырадон цæрджыты   колоннæйыл  бомбæкалд сырæзт,  кæцытæ   территорийы ныуадзын  архайдтой.  Хæцæг  фæрсты æхсæн  фидыды уырыссаг  центры информацийæ,   бырсты  нысан фестадысты  300 бинонтæ.

Ахæлиугонд информацийæ,  Асады  ныхмæлæууæг тыхтæ, бомбæтæ ныккалдтой  ноджы иу территорийыл, цы ран лигъдæтты  хæстæджытæ æмæ  журналисттæ  уыдысты.   Бырсты  фæстиуæгæн  басыгъд æртæ автомобилы, фæлæ  амæттагы фæдыл информаци  нæ  хæлиу кæны.