Турк  Сирийы   хицауадон позицитыл  масштабон хафты  фæдыл  хъусын кæны
Турк Сирийы хицауадон позицитыл масштабон хафты фæдыл хъусын кæны

Турк  Сирийы   хицауадон озицитæм   масштабон  бырсæнцыд  сæххæст кодта.  Турчы  хъахъхъæнынады  министрад  куы хъусын кæны афтæмæй,   нейтрализацигонд  æрцыд 2 100-йæ  фылдæр  мысан.   Министрад  афтæдæр  Идлибы   скуынæггонд   нысæнтты  къамтæ  ахæлиу кодта.

«Турк  дарддæр кæны  Сирийы  режимы   нысæнттæ  куынæг  кæнын» – банысангонд у   уагдоны  куырдиаты.

Агентад «Анадолу»   куыд фысыы  уымæ гæсгæйæ,  Асады  фарсхæцæг   веб-фарсытыл   социалон хызаджы   хæлиу  кæнынц  хъусинæгтæ   хицауадон тыхты   дыууæ  инæлары   нейтрализацийы  фæдыл.

«Анадолу»-ы  банысан кодтой, цæмæй   турчы  хицауад  зæгъгæ  термин  «нейтрализацидзинад»-æй  пайда  кæны   амарыны  кæнæ  æрцахсты  рæстæджы.

Идлибы  провинцийы   уавæр   фæкарз ис,  Сирийы хицауадон  тыхты  авиахафтыты   фæстиуæгæн  34  туркаг  æфсæддон куы  фæхъуыд  уый  фæстæ.