Сирийы авиакатастрофæйы рæстæджы фæмард уырыссаг æфсæддон, кæцы 9 апрелы Тбилисы æфсæддон хайадæн къухдариуæг кодта

Сирийы  уырыссаг  хæдтæхæджы  æрхауды  фæстиуæгæн фæмард  генерал-майор  Владимир Еремеев, кæцы  Гуырдзыстоны 9  апрелы  фæзындты рæстæджы иуæй-иу  æфсæддон хайадæн къухдариуæг кодта.  Информацийы хæлиу кæны уый тыххæй  уырыссаг  медиа.

Уæрæсейы  хъахъхъæнынады  министрады  ахæлиугонд   фидиуæны дзырдæуы, цæмæй  авиакатастрофæйы  фæстиуæгæн  фæмард 26 офицер  æмæ иу  генерал-майор.  Уырыссаг медийы  хъусинагæй, Сирийы  хæдтæхæгы æрхауды  фæстиуæгæн  фæ1мардуæвæг  æфсæддон  бæрзонд гæс у растдæр  Владимир Еремеев.

Уыйимæ иумæ  медиафæрæзтæ Еремеевы биографийы  дæр хæлиу кæнынц,  кæцыйы  мидæг дзырдæуы, цæмæй  дæлхайад, кæцыйæн Еремеев къухдариуæг  кодта, 1988-1991 азты  «Хайад иста Тбилисы, Гуырдзыстоны  конституцион уагæгъдауы сног кæныны».

Еремеевæн генерал-майоры  ном,  Уæрæсейы президенты  бардзырдæй  2016 азы раттой.

Уырыссаг æфсæддон- транспортон   хæдтæхæг АН-26,  æхсæзæм марты Хмеймы  аэродроммæ хæстæг  æрхаудта. Хъахъхъæнынады министрады  авиакатастрофæйы   развæлгъау  аххосагæй  бавдыстой  техникъон  сахъаттæ.

Уырыссаг медийы  Владимир  Еремеевы  фото дæр хæлиу кæны.