Сирийы 200 бинонтæ «Исламы Паддзахадмæ» уацары сты. Информацийы ИНО хъусын кæны. ИНО-йы адæймаджы барты камисар Мишел Бачелети куыд райхъусын кодта афтæмæй, сахар Багъузийы сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты дарынц, кæцытæн бæстæ ныууадзыны фадат нæ дæттынц террористтæ. Бачелети домы ацы бинонтæн тæсаг зонæ ныууадзыны фадат раттын.
«Уыдон та кæйдæриддæр бæстæйы ныууадзын нæ фæнды, максималонæй хъуамæ бахъахъхъæнæм» – райхъусын кодта Бачалати.
Сириаг курдæгтæ æмæ арабаг хæцджытæ, кæцытæн сæ фарс хæцы АИШ-æ, Багъузийы бацахсынæн бырст 9 февралæй райдыдтой. Ай у фæстаг цæрæн пункт, кæцыйы нырмадæр кантрол кæнынц террористтæ.