«Синовакы»100 000 дозæ вакцинæйы Гуырдзыстон абон райсдзæн, 6 майæ та бæстæмæ æрцæудзæн «Астразенекайы» 43 минæй фылдæр дозæ
Синовакы» вакцинæты 100 мин дозæ Гуырдзыстонмæ абон æрбафтдзæн. Вакцинæтæй едзаг «Визеары» хæдтæхæг Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты Тбилисы рæстæгææй 20:40 сахатыл æртæхдзæнис.
Уый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн Тбилисы аэропорты оператор компанийæ, «TAV Джорджиайæ».
«Астразенекайы» тыххæй куы зæгъæм, уæд 43 минæй фылдæр дозæ, кæцыты бæстæ хъуамæ 30 апрелы хъуамæ райстаит, Гуырдзыстонмæ 6 майы æрцæудзæн. Уый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн Юнисефы минæварадæй фехъусын кодтой æмæ райхæлдтой, цæмæй 6 бонæй æмгъуыд ахæцын баст у техникон фарстæтимæ. Сæрмагондæй, сæ информацийæ, уæлæмхас рæстæг рейсы сыххæстимæ баст документаци райсынæн бахъуыд.
Низты контролы националон центры информацийæ, «Астразенекайы» вакцинæйæ дыккаг дозæйæн æмбæстæгты регистраци гæнæн уыдзæн 5 майæ, вакцинацийы процесс та 10 майæ райдайдзæн.