Синоптикты прогнозæй, Гуырдзыстоны 18 февралæй температурæ фæбæрзонддæр уыдзæн
18 февралæй Гуырдзыстоны æппæт территорийыл температурæ рахъармдæр уыдзæн. Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн синоптик Майя Каадзе ацы æхсæв фæстæмæ æнхъæлмæ кæсинаг у хъызт.
«Ацы æхсæв уыдзæн уазал, куыд ныгуылæн Гуырдзыстоны ныллæг зонæты, афтæ хурыскæсæн Гуырдзыстоны, хохджын æмæ уæлхох районты дæр. Ныгуылæн Гуырдзыстоны ныллæг районты уæлдæфы минималон температурæ иуæй-иу районы гæнæн ис -4 градусы онг фæуазал уа, хурыскæсæн Гуырдзыстоны тæрфы та -9 градусы фæлгæтты уыдзæн. Уæлхох районты та ноджы ныллæгдæр температурæ уыдзæн»- райхъусын кодта синоптик.
Æрдзы националон агентады информацийæ, 17 феврал сæйраг горæты гæнæн ис фæнысан уа чысыл дæлдзырæттæ æмæ мигъ.
«17 февралы ныгуылæн Гуырдзыстоны æнхъæлмæ кæсинаг у сур боныхъæд. Уæлдæфы максималон температурæ 8-13 градусы фæлгæтты уыдзæн. Цыдæриддæр та хурыскæсæн Гуырдзыстонмæ æххæссы, иуæй-иу ран гæнæн ис фæнысан уа митуард æмæ мигъ, фылдæр хурыскæсæн Гуырдзыстоны. Сæйраг горæты дæр гæнæн ис фæнысан уа дæлдзырæттæ æмæ мигъ. Хурыскæсæн Гуырдзыстоны ивгъуыд бонимæ абаргæйæ температурæ фæуазал уыдзæн æмæ тæрфы 2-7 градус уыдзæн.
18 февралы та хурыскæсæн Гуырдызстоны дæр рахъарм уыдзæн. 19 февралæй уæлдæфы максималон температурæ, рахъармдæр уыдзæн куыд ныгуылæны, афтæ хурыскæсæн Гуырдзыстоны»- райхъусын кодта синоптик.