Синоптикты прогнозæй, фыццаг ноябрæй Гуырдзыстоны лæудзæн хъарм æмæ сур боныгъæд
Æрдзы националон агентады информацийæ, ноябры онг ныгуылæн Гуырдзыстоны лæуудзæн сур æмæ хъарм бонтæ. Уæлдæфы температурæ уыдзæн +17, +22 гнрадусы фæлгæтты.
«27 æмæ 30 октябры хурыскæсæн Гуырдзыстоны хицæн районты гæнæн ис чысыл дæлдзырæттæ æмæ мигъ рабадын. Температурæ +9, +14 градусы фæлгæтты уыдзæн. Иннæ бонты сур юоныгъæд у æнхъæлмæкæсинаг, температурæ +12,+17 градусы онг схъарм уыдзæн.
Фыццаг ноябрæй бæстæйы территорийы фылдæр хайыл уыдзæн хъарм æмæ сур боныгъæд» хъусын кæнынц æрдзы националон агентады.
Афтæма сæ информацийæ, Тбилисы 27 æмæ 30 октябры гæнæн ис мигъ æмæ кæъвда сфиксир уа.
«Температурæ +10, +12 градус уыдзæн, иннæ бонты та, фылдæр сур боныгъæд у æнхъæлмæкæсинаг, температурæ +14, +16 градусы онг схъарм уыдзæн. Фыццаг ноябрæй та ноджы 4-5 градусæй схъарм уыдзæн» – хъусын кæнынц æрдзы националон агентады.